АИШ-æ  Саломэ Зурабишвилийæн   арфæ  кæны  Гуырдзыстоны президентæй  йæ  кæй  сæвзæрстой  уый
АИШ-æ Саломэ Зурабишвилийæн арфæ кæны Гуырдзыстоны президентæй йæ кæй сæвзæрстой уый

АИШ-æ  Саломэ Зурабишвилийæн   арфæ  кæны  Гуырдзыстоны президентæй  йæ  кæй  сæвзæрстой  уый. Æмбæлон информацийы  хæлиу кæны   Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварад.

«Æвзæрстытæ   сты демократийы  бындур æмæ ацы равгæй  мах разы  стæм   ЕÆÆО-йы  демократийы  инфституты  æмæ  адæймаджы  барты   офисы   æвзæсрытытæм  цæстдарæг  миссийы  аргълæвæрдимæ, ома  президентон æвзæрстыты дыккаг тур  уыдис  конкурентджын æмæ  кандидаттæн  сæрибарæй  сæ бон уыд æвзарæнон кампанийы  уадзын.  Афтæма аиппытимæ иумæ,  разы  стæм   æхсæнадæмон æмæ  бынæттон цæстдарæг  мисситы мæстыдзинадæй  паддзахадон ресурсыты  иу фарсы пайдайæн   æнæмбæрцæй   спайдайы  тыххæй.  Мах  курæг стæм  Гуырдзыстоны хицауадæй,  кæрон скæна ЕÆÆО-ы миссийы æмæ   æндæр  цæстдарджыты  æрдгæй  фæнысчангонд    аиппытæ  æмæ  ацы тыхархайды  йын баххуыс кæнæм.

Иугонд Штаттæ æмæ Гуырдзыстон сты  æмæ уыдзысты  фидар партнертæ. Мах   æххæстæй  йæ фарс хæцæм  Гуырдзыстоны демократийæн,  фарн, æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн йæ  æхсæнадæмонæй  нымад арæнты.  Разы стæм Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг   интеграциимæ æмæ цæттæ стæм нæ  хæлæрттимæ иумæ  бакусæм ацы  бæстæйы  æнтыстыты тыххæй» –  банысангонд у  минæварады  ахæлиугонд  информацийы.

Уæдмæ та АИШ_ы  паддзахадон департаменты  минæвар  райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ АИШ æнхъæлмæ кæсы  Гуырдзыстоны ног æвзæрст президент Саломэ Зурабишвилиимæ   æмгуыстадмæ  æмæ   Гуырдзыстонимæ дыууæфарсон æмæ  регионон  фарстаты   уæрæх  спектрыл къуындæг  партнерады  адарддæр кæнынмæ,   сæ нымæцы   æдасдзинад срæвдз кæнын æмæ  Афгъанистаны   хъæддых  фарсхæцыны  миссийы  Гуырдзыстоны   контрибуцийы  æрдгæй.