Гуырдзыстоны аэропортты иугонды хъусинагæй, Францы паддзахадон авиакомпани AIR FRANCE Гуырдзыстоны 2019 азы уалдзæгæй райдайдзæн кусын. Тахтытæ 31 мартæй райдайдзысты.
«2 азон бадзырдты фæстæ экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ тынгады министрады францаг компанийы, «Гуырдзыстоны аэропортты иугонды» æмæ TAV Georgia-ы æхсæн æнтыстджынæй фесты. Паризы Шарль Де Голы номыл аэропортæй Тбилисы Шота Руставелийы номыл аэропорты æрдæм тахтытæ къуырийы мидæг дыууæ хатт , æртыццæг æмæ хуыцаубон Эарбас А 320 типы хæдтæхæгæй сæххæст уыдзысты» – хъусын кæнынц аэропортты иугонды.
AIR FRANCE дунейы иуæй-иу сеппæтæй ставддæр æмæ рагон дæр авикомпани у, кæцы 1933 азы 7 декабры æрцыд бындурæвæрд æмæ абоны онг 200-йæ фылдæр ардæмадæй æнтыстджынæй кусы. Францы паддзахадон авиакомпани глобалон авикомпаниты альянсы SkyTeam-ы иуæй-иу бындурæвæрæг у. 2016 азы бæрæггæнæнтæй, авиакомпани дунейы масштабæй 84 мин адæймагæн ратта куыстбынат.