Air Arabia Abu Dhabi Гуырдзыстонмæ рейсты арæхдзинад фæфылдæр кодта
Air Arabia Abu Dhabi Гуырдзыстонмæ рейсты арæхдзинад фæфылдæр кодта

Air Arabia Abu Dhabi Тбилисмæ рейсты арæхдзинад фæфылдæр кодта.

Абу-Дабийæ Тбилисы æхсæнадæмон аэропортмæ рейстæ августы ныридæгæн къуыри 8 хатт уыдзысты. Цыппæрæмы авиакомпани тæхдзæн бон дыууæ хатты.

Аэропортты ассоциацийы информацийæ, Air Arabia Abu Dhabi фидæны Тбилисмæ рейсты арæхдзинад къуыри 10 хатты онг фæфылдæр кæныныл хъуыды кæны. Авиакомпани афтæ дæр фылдæр кæны рейсты арæхдзинад Азербайджанмæ.

Гуырдзыстоны аэропортты ассоциацийы информацимæ гæсгæ, авиакомпани ахæм уынаффæ райста уый тыххæй, цæмæй клиенттæн уа фылдæр æвзæрст æмæ æххæст кæна рæзгæ æркуырд, кæцы ис комкоммæ æмæ æнæаргъ змæлды тыххæй Иугонд Араббаг Эмиратты сæйраг сахар æмæ Гуырдзыстоны æхсæн.

«Баку æмæ Тбилисмæ рейсты арæхдзинады фæфылдæр ноджы иу хатт бæлвырд кæны нæ цæугæ нысан, нæ регионалон хызæг фæтыхджындæр кæнын æмæ нæ клиенттæн фылдæр æнцонвадатдзинад æмæ æнæфæцудгæдзинад сифтонг кæнын.

Ацы дыууæ динамикон горæты дарддæр дæр сты популярон бынæттæ куыд Иугонд Араббаг Эмиратты цæрджытæн, афтæ æхсæнадæмон бæлццæттæн дæр. Ноггонд графиктæ ноджы тынгдæр фидар кæндзысты туризм æмæ балцыты æхсæн бастдзинæдтæ æмæ сараздзысты хуымæтæгдæр æмæ æнцондæр балцы фæлтæрддзинад», — загъта Air Arabia Group-ы генералон директор Адель Аль Али.

Аэропортты ассоциацийы информацийæ, «Эйр Арабиа» Æввахс Скæсæны фыццаг аслам авиакомпани у, кæцы 10 азæй фылдæр æнтыстджынæй кусы Гуырдзыстоны базарыл æмæ Шарджа-Тбилис-Шарджа маршрутыл рейстæ æххæст кæны. Гуырдызстоны базары 2021-æм азæй кусы Air Arabia Abu Dhabi, кæцы Air Arabia-йы дæлхайад у, комкоммæ уæлдæфон фæрæзтæй иу кæны Гуырдзыстоны æмæ Иугонд Араббаг Эмиратты сæйраг сахартæ.

Фыццаг рæстæджы авиакомпани Тбилисмæ къуыри æртæ рейс сарæзта, фæлæ ацы этапыл Абу-Дабийæ рейстæ ныридæгæн къуыри 8 хатт цæуынц. Æркуырд фæфылдæр кæнынимæ иумæ, авиакомпани Гуырдзыстонмæ ноджы цалдæр рейс бафтауын хъуыды кæны. 2025-æм азы фыццаг 7 мæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Абу-Даби-Тбилис-Абу-Даби маршрутыл авиакомпани лæггад кодта 50 минмæ æввахс бæлццонæн.