Агротуризмы  æмæ сæны туризмы статусджын гоймæгтæн  фидтонон  уæлбартæ æрбайсын  план кæны
Агротуризмы æмæ сæны туризмы статусджын гоймæгтæн фидтонон уæлбартæ æрбайсын план кæны

Агротуризмы  æмæ сæны  туризмы  статус кæмæ ис, уыцы   уæнгтæн  план кæны   уæлбардзинæдтæ сфидар кæнын. Æмбæлгæ ивддзинæдтæ   «фидтонон  кодекссмæ»  бахæсдзысты, кæцыйы  инициирдинад æрцæудзæн    парламенты  бюройы рабадтыл.

аПроектæй бæрæг кæны, цæмæй  уæлбартæ  баххæсдзысты æрмæст уыцы уæнгтæм, кæцыты  афæдзон   æфтиаг  500 000 ларийæ уæлдай нæу. Проектмæ  гæсгæйæ,  æфтиагон   фидинæгты  хъалонæвæрдæй  ссæрибар уыдзысты  агротуристон  æмæ сæны туристон   архайыны  фæлгæтты   гоймагы æфтиагы  æмæ  лæвæрд мыздтæ, æмбæлон  статусы райстæй  дæс  кæлиндарон  азы   дæргъы.

Закъонопроекты инициатортæ  депутаттæ Давит Сонгъулашвили, Элгуджа  Гоциридзе, Иско Дасен, Ираклий  Къирцхалиа, Ирма Заврадашвили, Гела Самхарауали, Антон Оболашвили  æмæ Бежан Цъакадзе  сты.  Закъонопроекты  скусын кæныны æмгъуыдæй  бæрæг кæны  2025  азы  фыццаг июл.