Афтæ хуынæг, арæзт хъазтыты хъуыдтагыл ахстгондты фæдыл ПÆК расидæн парахат кæны
Афтæ хуынæг, арæзт хъазтыты хъуыдтагыл ахстгондты фæдыл ПÆК расидæн парахат кæны

Гуырдзыстоны ÆК антикорупцион агентады кусджытæ оперативон-фæдагуырдон архайдтыты фæстиуæг, къордонæй комерцион балхæды фактыл æппæтдунеон категорийы тæрхонгæнджытæ –Заза Мачаладзе, Ираклий Беришвили æмæ давид Беришвилийы, афтæ дæр баскетболон клуб «Сухум»-ы орбитр Важа Кварацхелия æмæ клубы  кусæг –Темур Датикашвилийы æрцахстой – уый фæдыл информаци ПÆК парахат кæны.

«Фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй Важа Кварацхелия æмæ Темур Датикашвили баскетболы æппæтдунеон чемпионаты «Суперлигайы» æндæр æмæ æндæр матчыты сæхи куыд фæндыд ахæм фæстиуджытæ сфиксир кодтой. Важа Кварацхелия æмæ Темур Датикашвили алы хъазтыл æмбæстагæй 12 000 лари æркуырдтой, кæцыйæ 2000 доллар бæрц лари орбитртæн уыд лæвæрд.