Афган Мухтарлыйы дыууæ боны æмгъуыдмæ ахæстонæй рауагъдтой
Афган Мухтарлыйы  дыууæ боны æмгъуыдмæ ахæстонæй рауагъдтой

Азербайджаны   пенитенцион   куыст  бæлвырд кæны, цæмæй  Афган Мухтарлыйы  ахæстонæй  хæстæгы  мæлæты тыххæй  рæстæгмæ  ауагъдтой.  Информацийы  хæлиу кæны  азербайджайнаг  рауагъдад  Haqqin.az.

Азербайджаны  юстицийы министрады  пенитенуион  куысты  куыд райхъусын кодтой афтæмæй,    гуманизмы  принциптыл æнцойæ,   Афган Мухтарлыйæн раттой  бар,   Закаталайы  йæ хæстæгы мардæвæрæны церемонимæ  ацæуын.

 

«Афган Мухтарлыйæн  æртæ хæстæгы  мæлæтæй  40  боны  аивгъуыдимæ баст  хъынцъымы   церемонийы  хайад райсыны бар æрцыд лæвæрд.  Æз  Закаталайы  дæн цæмæй йын зæгъон куыд æй  мысынц  хæлæрттæ æмæ коллегæтæ» –  фыссы  Азербайджайнаг журналист  Хадиджа  Исмаилова.

Афган Мухтарлыйы  хойы,   хæрæфырты  æмæ  æфсымæры хъæбулы мæлæты  фæдыл информаци, ивгъуыд азы   декабры кæрон   æхлиу ис.

Азербайджайнаг  медиа  куыд   хъусын кодта, афтæмæй,   мæлæты аххос æссис  газ.  Бакой уын кæндзыстæм,  журналист Афган Мухтарлы  2017 азы 29  майы  Тбилисæй фæтар ис.  Дыккаг бон уый   йæ адвокатæн фехъусын кодта, цæмæй йæ  тыхæй  спайдайæ  аластой  Азербайджанмæ.

Азербайджаны тæрхондон   Афган Мухтарлыйæн, 6  азы æмгъуыдæй  ахст  стæрхон кодта.