Афæдзы кæронмæ  æвæрд контракттыл, фондз азы дæргъы, хицауад ипотекон  кредитыл  4 проценты  бæрц субсидийæ æххуыс  кæндзæн
Афæдзы кæронмæ æвæрд контракттыл, фондз азы дæргъы, хицауад ипотекон кредитыл 4 проценты бæрц субсидийæ æххуыс кæндзæн

Гуырдзыстоны хицауад  ратджзæн субсиди  ипотекон   кредиты  цыппар  процентæй  алы уыцы  ипотекон   контрактыл, кæцы æвæрд æрцæудзæн афæдзы  кронмæ,  фондз азы  дæргъы –  уый фæдыл   премьер-министр, Гиорги Гахариа, девелоперон  секторæн æххуысы  антикризисон   пъланы   презентацийы рæстæджы  фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  антикризисон  пълан  у девелоперон  æмæ арæзтадон  компанитæн.

«Ацы къахдзæф  аразæм, цæмæй  баххуыс кæнæм  æмбæстæгтæн,  чидæриддæр  сфæнд кодтой  кæнæ та нырид  бахызтысты  цæрæн уавæртæ фæхузыдæр кæныны  процессмæ,  кæнæ нырид  контрактæй  хæсджын сты, кæнæ сын исты фæстауæрц ис,  кæцы  сæ хъуыдис  цæрæн уавæртæ фæхузыдæр кæнынæн.   Уый тыххæй  цæй хзæгъын æй хъæуы,  аздæхдзыстæм тыхархайд  арæзтадон секторы æрдæм  æмæ уыцы  программæ,  кæцыйы презентаци уыдзæн абон, у абсолютонæй  реалистон æмæ конкретон» – загъта  премьер.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, фондз азы  дæргъы  хицауад  баххуыс  уыдзæн   алы  æмбæстагæн,  кæцы  цæрæн уавæртæ  фæхуыздæр кæнын  сфæнд кæндзæн.

«Æз æрнымайдзынæн  цалдæр пункты ац программæйæ: – фыццаг – Гуырдзыстоны  хицауад субсидитæ ратдзæн ипотекон  кредиты процентæн,  цыппар проценты  алы  уыцы  ипотекон контрактыл, кæцы æвæрд æрцæудзæн афæдзы кæронмæ   фондз азы  дæргъы, кæцыйы  фæрцы,  базарыл реалон æркуырд  фæбæрзонддæр уыдзæн.  Цæй  зæгъын æй хъæуы, фондз азы дæргъы  мах  æххуыс  кæндзыстæм  нæ алкæцы æмбæстагæн  чидæриддæр сфæнд кæндзæн  цæрæн уавæртæ  фæхуыздæр кæнын» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, 2019-2020  азы  Гуырдзыстоны 25 000  æмбæстагæн  ис  25 мин контракт  ипотекон  кредиты фæдыл, уыцы  хæдзарарæзтадон прокттыл, кæцы нырма дæр нæ  фæцис.

«Цæй зæгъын æй хъæуы,  хицауад бацархайдзæн, цæмæй  ацы   проекттæ кæронмæ сæххæст уой  æмæ фæнысангонд адæймæгтæ, дуармæ  ма баззайæт, 2008 азы кризисы фæстæ куыд уыдис  афтæ» –  райхъусын кодта премьер.