Æвзист призер Важа Маргвелашвили - Цы саразын мæ фæндыд уый нал бафæрæзтон, алкæмæй уæ хатыр курын
Токиойы Олимпиадæйыл Гуырдзыстонæй фыццаг майдан рамбылдта дзюдоист Важа Маргвелашвили, кæцы 66 кг категорийæ æвзист майданыл фæхæст ис. Финалы уый фембæлд ис япойнаг Хифуми Абэимæ хæсты.
«Æвзист майдан мын тынг нысаниуæгджын у, фæлæ Токиомæ æрцыдтæн сыгъзæрин майдан рамбулынмæ. Фæлæ цы саразын хæсджын уыдтæн уый нал бафæрæзтон, хатыр уæ курын алкæмæй. Мæнæн мæ нысан у Олимпион чемпионы титул рамбулын æмæ уырнæг дæн сыххæст мын уыдзæнис. Бузныг уын алкæмæн» – ахæм комментари ратта Важа Маргвелашвили Олимпион комитеты пресс-куыстимæ ныхасы.