Æвзарæнон администраци æвзарæнон технологиты æппæтон демонстраци райдайы
Æвзарæнон администраци æвзарæнон технологиты æппæтон демонстраци райдайы

Æвзарæнон администраци  æвзæрстгæнджыты  информиркæныны фæдылдзог этапмæ хизы æмæ  егъаумасштабон   информацион кампанийы фæлгæтты  ног  проект райдайы. Инфомаци хъусын кæны Гуырдзыстоны Централон Æвзæрстгæнæг комисси.

ЦÆК-ы хъусинагæй, «Электронон  æвзæрстыты æппæтон  демонстраци», цæугæ азы  6 июлæй  сæххæст уыдзæн æмæ   йæ нысан у æвзарæнон  технологиты  æрфидары фæдыл  æвзæрстгæнджыты информиркæнын æмæ хъæлæскæнынады процедурæйы практикон   фæлтæрдтæ бакусын.

«Гуырдзыстоны сæххæст  æвзарæнон  реформæйы фæстиуæгæн парламенты радон æмæ  алы  фæдылдзог æвзæрстытæ  æвзарæнон технологитæй спайдайæ  æрцæудзысты уагъд  æмæ æрбаввахсгонд æвзæрстытæм, æвзæрстгæнджыты зæгъæн ис  90%        æвзарæнон технологитæй спайдайæ райсдзæн  æвзæрстыты хайад.  Ивд цæуы   æвзæрстгæнæджы  верификацийы  (регистраци) æмæ хъæлæскæныны процедурæтæ. Уымæ æмбæлгæйæ дæр,  технологион  ногдзинæдты  фæдыл æвзæрстгæнджыты информир кæнын æмæ ахуыр  æвзарæнон администрацийы иуæй-иу сæйраг  приоритет у.

Информиркæныны масштабон кампани  кæцы афтæдæр дзуапп кæны æхсæнадæмон стандарттæн æмæ рекомендацитæн, æвзарæнон администраци иумæйаг æвзæрстыты онг  афæдз æмæ æрдæгæй рагафон  райдыдта.  Æвзарæнон  технологиты  демонстрирдзинад этапгай   цæуы  бæстæйы  масштабæй  адæмарæх  бынæтты,  хицауадон æмæ  хицæн структурæты. Банысанкæнинаг у, цæмæй ацы рæстæгмæ 3000-æй фылдæр  фембæлд уыд уагъд æмæ информиргонд сты  400 000-ы онг æвзæрстгæнæг .

Æвзарæнон администраци  зонындзинады сбæрзонддæрыл ориентацигонд активондзинæдтæ æмæ проекттæ  æвзæрстыты фæуды онг ноджы цалдæр этапæй  регуляронæй  сыххæст кæндзæн», – дзырдæуы ЦÆК-ы  публикацигонд информацийы.