Гуырдзыстоны абон уагъд æхсæйнаг æмæ уæлрадон æвзæрстытыл хъæлæскæныны процесс фæцис. Закъондæттынадмæ гæсгæйæ, алы æвзарæнон фадыгыл хайлæппæрст 20:00 сахатыл фæуд кæны.
Æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты 410 æфзарæнон фадыгыл, кæцыты æмтгæй райсгæйæ, 402 091 æвзæрстгæнæг уыдис регистрацигонд.
Мэртæм уæлрадон æвзæрстытæ абон ацыдысты фондз муниципалоитеты- Марнеулийы, Зестафонийы,Чъиатурæйы, Хулойы æмæ Зугдидийы.
Мэртæм уæлрадон æвзæрстыты параллелонæй, сакребулоты æхсæйнаг æвзæрстытæ ацы аст муниципалитеты. Хæдуынаффæйы бæрнонадон органмæ мажоритар депутаты æвзæрстой Сагареджойы, АДигены, Ахметайы, ЗЕстафонийы, Чъиатурайы, Тъхъибулийы, Цъхъалтубойы æмæ Озургеты.
Афтæма парламенты æхсæйнаг æвзæрстытæ ацыд Тбилисы, Мтацъминдайы номыр фыццаг æвзарæнон зылды.