Æвзæрстыты хайад райсын сæ бон уыдзæн фæсарæны æвзарджытæн, кæцыты регистрацион адрис оккупацигонд территорийыл ис кæнæ æнæбæрæг у
Æвзæрстыты хайад райсын сæ бон уыдзæн фæсарæны æвзарджытæн, кæцыты регистрацион адрис оккупацигонд территорийыл ис кæнæ æнæбæрæг у

Æвзæрстыты хайад райсын сæ бон уыдзæн фæсарæнты цæрæг æвзарджытæн, кæцыты регистрацион адрис паддзахадон лæггæдты райрæзты агентады базæмæ гæсгæ оккупацигонд хаххыл ис, кæнæ æнæбæрæг у, – уый фæдыл къамисы фæстæ брифингыл Гиорги Каландаришвили расидтис сесси.
Уый куыд банысан кодта афтæмæй, ЦÆК æскъуыддзаг абоны рабадтыл æмхъæлæсæй райста æмæ кæрон сарæзта алы спекуляцийæн ацы темæйыл.
«Уынаффæмæ гæсгæ, 26 октябры парламентон æвзæрстытæн æндæр штаты арæзт æвзарæнон участочы æвзарджыты сæрмагонд номхыгъдмæ бафтаудзысты уæлдæр банысангонд категорийы æвзарджытæ, кæцытæ консулон регистрацийы сты 7 октябры онг. Афтæ дæр æвзарджытæ, кæцытæ консулон реестры не сты регистрацигонд, фæлæ æндæр штаты арæзт участокон æвзарæнон къамисы, фæсарæнты Гуырдзыстоны дипломативон минæварады кæнæ консулон уагдоны регистрацигонд уыдзысты 7 октябры онг æмæ уый нымæцы. Уымæй дарддæр ма сæм хъуамæ уа Гуырдзыстоны æмбæстагы æцæг æвдисæндар кæнæ та Гуырдзыстоны æмбæстагы паспорт», -расидтис Каландаришвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон, сессийы ЦÆК райста ноджы иу ахсджиаг указ æмæ сфидар кодта бюллетень байдзаг кæныны уагæвæрд, цæмæй æвзæрстыты рæстæджы хъæлæс дæттыны электрон фæрæзтæй спайда кæнын ифтонг уа.
«Уынаффæмæ гæсгæ, лæмбынæг бамбарын кодтой хъæлæсæппæрсты байдзаг кæныны фæтк æмæ хъæлæсæппæрсты æнæкусгæ кæныны бындуртæ. Уагæвæрдмæ гæсгæ, æвзарæг хъуамæ ныв кæна кæнæ сæрмагонд маркерæй нысан кæна цирхъы мидæггаг бынат æрмæстдæр иу партийы номы раз, æмæ бюллетень æнæраст у, кæд: цирхъы мидæггаг бынат иуæй фылдæры раз партийы ном у хуызджын/нысангонд цыфæнды хуызы дæр; Цыфæнды партийы номы раз цы тымбылæг ис, уый мидæггаг бынат нæу хуызджын/нысангонд. Ацы фæтк фехалгæйæ цы æвзарæн гæххæтт байдзаг æмæ къæбицы æвæрд æрцæуа, уый закъонмæ гæсгæ нымад æрцæудзæн æнæрастыл. Дарддæр кæнæм интенсивонæй куыст æмæ информаци кæнæм æвзарджыты, цæмæй 26-æм октябры æвзæрстытæ уагъд æрцæуой бæрзонд профессионалон æмвæзадыл, æхсæнадæмон стандарттæм гæсгæ», – расидтис Каландаришвили.