Æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты бацагуырды фарстатыл Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты эгидæйæ, Стамбулы гуырдзиаг æмæ абхазаг хайадисджыты координацион механизмы фембæлд ацыд
29 майы Стамбулы ацыд гуырдзиаг æмæ абхазаг хайдаисджытæй координацион механизмы 16-æм фембæлд, кæцыйы нысан у Абхазы 1992-1993 азты гарзджын архæйдтыты рæстæджы æвæндаг æрбайсæфтуæвæг уæнгты бацагуырд æмæ сæ амонды сбæрæг. Фембæлдыл, куыд нейтралон æхсæнылæг, Сырх ДЗуары æхсæнадæмон комитет (ICRC) сæрдариуæг кодта.
Фидыды æмæ æбстæгон æмсæрады фарстаты Гуырдзыстоны паддзахадон министры аппараты информацийæ, ацы афонмæ, координацион механизмы уысты фæстиуæгæн 526 адæймаджы мардыбуар ссардæуыд æмæ эксгумацигонд æрцыд. Уыдонæй 285-ы дентификаци бантыст æмæ нырид лæвæрд уыдысты бинонтæм æмбæлгæ кадимæ бавæрынæн. Падзахадон министры аппараты акуыд хъусын кæнынц афтæмæй, фæнысангонд гæнæн ссис цæугæ, дырысæй гуманитарон процессы хайадисджыты иумæйаг тыхархайдæй æмæ активон бастдзинадæй.
«Фембæлдыл фæтаруæвæг адæймæгты бынаты сбæрæгы баххæсгæ фæстиуджытæй уæлдай, хъусдард здæхт уыдис ингæнты фæдыл дарддæры информацийы бацагуырды æнæмæнгхъæуындзинадмæ æмæ базтныны процессимæ баст фарстатæм.
Хайдисджытæ баивдтой уыдонмæ уæвæг информаци, кæцы йæ къух сараздзæн дарддæры бацагуырды æмæ уæлæмхас адæймæгты идентификацийы процессæн. Координацион механизмы фæлгæтты, абоны онг 1860 аæймаг нымад цæуынц æвæндаг æрбайсæфтуæвæгыл.
Фембæлды хайадисджытæ æрныхас кодтой практикон къахдзæфты фæдыл, цæмæй фылдæр тыхархайдæй бамбырд кæной æмæ баивой информаци æмæ цырддæр темпæй ацæуа æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты бацагуырды процесс» – дзырдæуы паддзахадон министры аппараты ахæлиугонд информацийы.