Æттаг хъуыдтæгты министрады Германийы минæваримæ фембæлдыл Зелимхан Хангошвилийы лæгмарды хъуыдтагыл фæныхас кодтой
Æттаг хъуыдтæгты министрады Германийы минæваримæ фембæлдыл Зелимхан Хангошвилийы лæгмарды хъуыдтагыл фæныхас кодтой
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг Вахтанг Махароблишвили фембæлд Германийы минæвар Хуберт Книршыл.
Министрады инофрмацийæ, Германийы минæваримæ фембæлдыл ныхас баххæсыд дыууæ бæстæйы æхсæн цæугæ актуалон фарстатæм, дыууæфарсон æмахастытæм, визиттæ æмæ фидæн плæнттæм.
Фембæлды иуæй-иу сæйраг темæ уыд Зелимхан Хангошвилийы лæгмарды хъуыдтаг. Гермайнаг фарс гуырдзийаг фарсæн фæдагуырды фæдыл информаци алæвæрдта.
«Снысангонд хъуыдтаг Германийы фарсы фæдагуырд у, фæлæ фарста дыууæ бæстæйы интересты ис. Министры хæдивæгæн базонгæ кодтон информаци уый фæдыл æмæ ис гуырысхо, цæмæй хъуыдтаг хицауады æрдыгæй финансиргонд у æмæ фæдагуырд даргъ кæны растдæр уыцы бындурыл», -сиды минæвар.