Æттаг хъуыдтæгты министрад – Нато-Гуырдзыстоны комисыл уыд хаххгонд, цæмæй Гуырдзыстоны прогресс хъуамæ смыхуыр уа Брюселы саммиты æскъуыддзæгтыл
Æттаг хъуыдтæгты министрад – Нато-Гуырдзыстоны комисыл уыд хаххгонд, цæмæй Гуырдзыстоны прогресс хъуамæ смыхуыр уа Брюселы саммиты æскъуыддзæгтыл

Æттаг хъуыдтæгты министрад НатоГуырдзыстоны комисыл уыд хаххгонд, цæмæй Гуырдзыстоны прогресс хъуамæ смыхуыр уа Брюселы саммиты æскъуыддзæгтыл

Брюселы, Натойы ног штаб-фатеры Нато-Гуырдызстоны комисы рабадт сырæзт. Фембæлдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры фыццаг хæдивæг Давид Залкъаниани æмæ Гуырдызстоны хихъахъæнады министры фыццаг хæдивæг Лела Чиковани истой хайад.

Фембæлд 2018-æм азы Брюселы саммитмæ баццæтæйы фæдыл фарстаæм хауд.

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, комисы рабадтыл уыд хаххгонд, цæмæй евроатлантикон интеграцийы фæндагыл Гуырдзыстоны баххæсыдгонд прогресс хъуамæ смыхуыр уа Брюселы саммитыл гом дуары политикайы контексты ист æскъуыддзæгтыл.

Гуырдзийаг фарс партнертæн алæвæрдта деталон информаци окупиргонд територитыл уæвæг уæззау æдасдзинады фæдыл. Уæнг бæстæты бæрнонтæ ноджы иу хатт сфиксир кодтой сæ фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны суверинитет æмæ територион æнæхъæндзинады фæдыл.

Рабадтыл иуæй иу сæйраг фарста уыд сау денджызы æдасдзинады нысанæй Гуырдзыстоны æмæ Натойы æмкуыстдзинады политикон æмæ практикон аспекттæ. Фарсытæ  разы сты, цæмæй ацы къуымæй альянсы архайдтыты Гуырдзыстоны контрибуци нысаниуæгджын у æмæ куыст фидæны дæр адаргъ уыдзæн.

Рабадтыл æрцыд кааст Гуырдызстоны хъихъахъæнады æмæ æдасдзинады сфераты реформтæ æмæ гæрзифтонг тыхты фидæн размæцыды плæнттæ.

Нато-Гуырдзыстоны комисы рабадтыл банысан кодтой Афганистаны альянсы эгидайæ цæугæ мисийы Гуырдзыстоны нысаниуæгджын контрибуци.