Æстæм мартæй Тбилисы, метростанцæ «Ахметелийæ» Варкъетилийы онг «Æхсæвы автобус» змæлдзæн
Æстæм мартæй Тбилисы, метростанцæ «Ахметелийæ» Варкъетилийы онг «Æхсæвы автобус» змæлдзæн .«Æхсæвы экономикайы» проекты фæлгæтты, æстæм мартæй, алы майрæмбон æмæ сабат, æхсæвы 00:00 сахатæй 06:00 сахаты онг метростанцæ «Ахметелийæ» Варкъетилийы онг «Æхсæвы автобус» змæлдзæн . Уый фæдыл информаци Тбилисы мэри парахат кæны.
«Æхсæвы автобус змæлд метростанцæ «Ахметелийæ» райдайдзæн æмæ фыццаг урæд Дигъомы, супермаркет «Гудвилы» цур сыххæст кæндзæн. Уый фæстæ та Агъмашенебелийыл, Маршал Гелованы, Мткъварийы рахиз былыл æмæ Сакъадзейыл фæуромдзæн.