Æстæм февралæй Гуырдызстоны муниципалон транспорт скусдзæн
Къуырисæрæй, æстæм февралæй Гуырдызстоны муниципалон транспорт скусдзæн – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Гахария хицауады рабадтыл расидтис.
«Къуырисæрæй, æстæм февралæй Гуырдызстоны муниципалон транспорт скусдзæн. Муниципалон транспорт йæ куыст сног кæндзæн Тбилисы, Рустав æмæ Кутаисы дæр. Метро, автобустæ æмæ маршрутон такситæ, афтæ дæр скусдзысты базартæ» -расидтис премьер-министр.