Æссады импорты фæдыл фидинаг абонæй скуыста. Æмбæлгæ ивддзинад «Хицауадон барады юридикон уæнгы – æфтиæгты куысты æрдгæй лæггады аргъы æмæ сæ бæрцы сфидар кæныны фæдыл» Гуырдзыстоны хицауады 2010 азы 30 марты №96 уынаффæмæ уыд хаст.
Импортер 200 кг-æй фылдæр бæрцæйы мæнæуы æссады сæрибар зилдухмæ ауадзыны процедурæйы формæмæ гæсгæ сбæлвырд кæнынæн алы килограммыл 20 тетрийы бафидын бахъæудзæн, кæцы алы иу тоннæйыл 200 ларийы бæрц уыдзæн. Формæмæ гæсгæ сбæлвырд фидтон йæ тыхы уыдзæн ноябры онг.
Импортиргонд æссадыл рæстæгмæ фидинаг æрбайсыны уынаффæ Гуырдзыстоны хицауад рахаста, бынæоттон амалиуæгдæрттæн хоры реализацийы проблемæ куы сырæзт æмæ хицауадæй æххуыс ракуырдтой уый фæстæ.
Уыимæ импортон фидинагы скусын кæныны параллелонæй куырæйттæ хæсджын уыдзысты бынæттон фермертæй мæнæу конкретон аргъæй балхæнын æмæ дзулфыцджытæн фыццаг гъæды æссад ахæм аргъæй бадæттын, цæмæй дзул ма фæзынаргъ уа.