Æрыздæхгæ мигрантты реинтеграцион æххуысы паддзахадон программæйы  фæлгæтты  куырдиæтты исын  райдыдта
Æрыздæхгæ мигрантты реинтеграцион æххуысы паддзахадон программæйы фæлгæтты куырдиæтты исын райдыдта

Лигъдæтты, экомигрантты æмæ  цæрынæн хъæугæ  уавæртæй   ифтонгады  агентад,  æрыздæхгæ  мигрантты   реинтеграцион  æххуысы  паддзахадон программæйы  фæлгæтты  куырдиæтты исын райдыдта.

Агентады куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   программæйæн йæ нысан у  эмиграцийæ  æрыздæхæг   Гуырдзыстоны  æмбæстæгты   реинтеграцийы  процессæн баххуыс кæнын.

Агентады  хъусинагæй,   æфтиагы равзæрæн раттыны,  куыст дæттыны  æмæ  хиамалиуæгады  нысанæн,  æмтгæй  райсгæйæ  200-ы онг  мигранты  сфинанс кæндзысты. Программæйы  фæлгæтты куырдиæтты исын  4 апрелы онг аххæсдзæн.