Æртæ адæймагы æрымбырды фæдыл арæнæвæрд  ивд æрцыд,  йæ тыхы баззайдзæн дæсæй фылдæр адæймагы æрымбырды фæдыл  тобæ
Æртæ адæймагы æрымбырды фæдыл арæнæвæрд ивд æрцыд, йæ тыхы баззайдзæн дæсæй фылдæр адæймагы æрымбырды фæдыл тобæ

Коронавирусы  превенцийы нысанæн  æртæйæ  фылдæр адæймагы æмбырды фæдыл  арæнæвæрд абонæй  аивдтой, фæлæ æнæкæсгæ  уымæ, йæ тыхы баззайдзæн  дæсæй  фылдæр адæймагы æмбырдыл  арæнæвæрд.

Гуырдзыстоны хицауады администраци куыд дзурынц афтæмæй,   фæстæмæ йæ тыхы  баззайдзæн   арæнæвæрд  автотранспортон  фæрæзæй  змæлды фæдыл.  Сæрмагондæй та  тобæ у  транспортон фæрæзæй  æртæйæ   фылдæр  адæймагы (æд тæрæг)  змæлд.

«Бæрæг куыд у  афтæмæй,  Гуырдзыстоны  хицауады  уынаффæйæ,   абонæй   байгом уыдзысты  аивдзинады салонтæ æмæ  эстетикон  медицинæйы  центртæ, афтæдæр ивд æрцæудзæн   арæнæвæрд – æртæйæ  адæймаджы  æмбырды  фæдыл, куыд æхгæд  тыгъдады, афтæ   гом рæтты.  Афтæма  райхалдзыстæм, цæмæй  æртæ  адæймаджы  æрымбырды фæдыл арæнæвæрды  авинмæ  æнæкæсгæ,  йæ тыхы  баззайдзæн  арæнæвæрд дæсæй  фылдæр адæймагы  æрымырды фæдыл.

Уымæй  дарддæр ма,   йæ тыхы  баззайдзæн   арæнæвæрд  автотранспортон фæрæзæй  змæлды фæдыл, сæрмагондæй та, фæдзæхст у  транспортон фæрæзæй   æртæйæ   фылдæр адæймагы  (æд тæрæг)  змæлын. Бæлццæттæ  хъуамæ  бадой æрмæст фæстаг  бадæныл», –  дзырдæуы   хицауады  администрацийы  информацийы.