«Æхсæнадæмон æргомдзинад – Гуырдзыстон»-ы æххæстгæнæг директор Эка Гигаури хъуыды кæны, цæмæй ахæсттæн ныххатыры фактыл райдайгæ фæдæвзарæны фæлгæтты, Гуырдзыстоны президент хъуамæ æрфарст æрцæуа, æндæр цауы та, фæдæвзарæн уыдзæн формалон.
Эка Гигаури куы загъта афтæмæй, ацы фафонмæ зæгъгæ, арызт не æрцыд фидиуæн, цæмæй цы принципæй æрцыд æвзæрст цалдæр мин адæймагæй 30 гоймаджы хъуыддаг.
«Ацы бæстæйы реагирдзинаж хъыгагæн, æрмæст уæд вæййы, дзыллæйы стыр протест куы сæвзæры. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, кæд хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд, уæд президенты æрфæрсыр хъæуы, æндæра ацы фæдæвзарæнæн уыдзæн формалон равг. Цыдæриддæр та коррупцимæ æххæссы, хъыгагæн ацы афонмæ æмбарынгæнæн нæ сарызта Гуырдзыстоны президент уыцы цалдæр мин куырдиатæй, куыд равзæрста 30-ы онг хъуыддаг. Æз уыдтæн ныххатыры камисы уæнг æмæ зонын, цæмæй æнцонæй никæй ацух кæндзынæ, чидлæриддæр хъæугæ критеритæм æмбæлы æмæ уый тыххæй дæр алкæй æркæсын хъæуы, о мæ уыцы цалдæр минæй, ацы 30-ы онг куырдиат куыд равзæрста, гъе уый у иттæг нысаниуæгджын» – райъхусын кодта Эка Гигаури.
Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ президент Саломэ Зурабишвили ахæсттæн кæй ныххатыр кодта уыцы фактыл фæдæвзарæнмæ æрывнæлдта.
Гуырдзыстоны президент 28 августы, Майрæм Куадзæны бæрæгбонмæ, 34 ахæстæн ныххатыр кодта, сæ нымæцы уыдысты марындзинадæн тæрхонмæ лæвæрд æртæ гоймаг æмæ иу та агуырды уæвæг.
Афтæма, президенты администраци, президент тæрхонмæ лæвæрдæн ныххатыры фактыл фæдæвзарын райдаынмæ гæсгæ, генералон прокуратурæйы уынаффæйæ районд у.