Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрæй снысан ис Отар Шамугиа
Гуырдзыстоны æрдзы хъахъхæды æмæ хъæууон хæдзарады министры бынатылЛеван Давиташвилийы фæивдта йæ хæдивæг – Отар Шамугиа.
Уый фæдыл абоны брифингыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæъгæ Леван Давиташвили та къухдариуæг кæндзæн Гуырдзыстоны эконмоикæйы министрадæн.
Ираклий Гъарибашвили дзуры, цæмæй Отар Шамугиа хъæууон хæдзарады министрад куыстæй азтæй фæлтæрд у æмæ деталонæй зоны цы хъæуы саразын ацы къабазы.
«Отар Шамугиа у Сухумæй лигъдон. Райгуырд Сухумы, рахъомыл ис Сухумы, скъола фæцис Сухумы, стæй та лигъдонæй цардис Зугдиды, Тбилисы æмæ куы иу фæзæгъынц, цææмй намысджын, цсгомджын куысты фæрцы ссис министрæй. Отар 16 азы фæкуыста ацы министрады. Деталонæй зоны цы хъæуы хъæууон хæдзарады министрады, æрдзы хъахъхъæды æмæ мæ уырны, æнтыстджын министр уыдзæн. Ноджы иу хатт арфæ кæнын æмæ сын æппæты хуыздæр æнтыстыæ зæгхъы мæ зæрдæ ног министртæн. Нæ сæйраг рард у экономикæ рапарахат кæнын, мæгуырдзинады фервæзын, куыстбынæттæ сæвзæрын кæнын. Ацы æрдæмадтæй, бирæ кусын эконмоикон балимæ, æввахс бонты æмæ къуыриты дæргъы та æхсæнадæн бирæ ногдзинад базонын кæндзыстæм» – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.
Леван Давиташвили 2016 азы 9 сентябрæй 2017 азы 15 декабрмæ Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады министры бынатыл куыста, æрмæст 2017 азы 15 декабрæй абоны онг та Гуырдзыстоны æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр уыд. Иурæстæгонæй Леван Давиташвили кусы вице-премьеры бынатыл, æмæ Ираклий Гъарибашвили куыд загъта афтæмæй, уый ацы куыст адарддæр кæндзæн.