Æрдзхъахъхъæнынады цæстдарæг  департамент   донхæрисы æнæзакъонон амал кæныныл контрол карздæр кæны
Æрдзхъахъхъæнынады цæстдарæг департамент донхæрисы æнæзакъонон амал кæныныл контрол карздæр кæны

Гуырдзыстоны æрдзыхъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады  æрдзхъахъхъæнынады цæстдарæг  департамент, Зазхæссæны  æрбаввахсмæ гæсгæ,   донхæрисы  æнæзакъонон лыг кæныныл  контроль карздæр кæны.

Æрдзыхъахъхъæнынады  цæтсдарæг  департаменты  информацийæ,    департамæнты    экипажтæ,  бæстæйы масштабæй, 24 сахатон    патрулкæныны рæстæджы, сæрмагондæй  сконтрол кæндзысты  уыцы  территоритæ, цы ран   фæстаг азты бæрзонд у  донхæрисы  æнæзакъонон  амал кæнын-реализацийы  статистикæ.

«Колхаг донхæрис  сырх  чингмæ хаст  мыггаг у.  Йæ ралыг  кæнæ  йæ къалиутæ  базиан кæнын   закъонæй  æфхæрд цæуы, фæнысангонд барадсасты тыххæй  гоймаг  500-йæ 1000- ларийы онг  фæивар уыдзæн.  Фæлхатгæ цауы та,   кæд донхæрис  æнæзакъононæй  амал кæнынæй  æрдзæн  знаггады   бæрц 1000 ларийæ фылдæр у, хъуыддагмæ лæвæрд уыдзæн тугтæрхоны  барады  квалификаци.

Донхæрис амал кæнын гæнæн ис æрмæст  сæрмæмулкъы уæвæг   садзæнты  амалиуæгадæй  æмæ  аразгæ  сагъд   плантацитæй, бынæттон хæдуынаффæйы  оргæнты  лæвæрд æмбæлгæ   æвдисæнгæххæты  бындурыл .

Æрдзхъахъъæнынады   цæстадæрг департамент   сиды  цæрджытæм, ма  фехалой закъон.  Барадсасты  фиксацийы   цауы та, адзурой   æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады   министрады  тæвд хаххмæ – 153 (дзырд æнæфидгæ у, анонимондзинад та   хъахъъхæд), цæмæй   департаменты кусджытæ  алкæцы фактыл  æмбæлгæйæ  раегирдзинад скæной»   банысангонд у  æрдзхъахъхъæнынады   цæстдарæг  департаменты  информацийы.