Æппæтадæмон фæдзæхсыны  программæйы фæлгæтты уæвæг тарифтæ, гæнæн ис алы клиникæйæн æмбæрц суа
Æппæтадæмон фæдзæхсыны программæйы фæлгæтты уæвæг тарифтæ, гæнæн ис алы клиникæйæн æмбæрц суа

Æнæнизхъахъхъæды министрад план кæны, æппæтадæмон фæдзæхсыны  программæйы фæлгæтты уæвæг тарифтæ  алы клиникæйæн  æмбæрц скæнын, –  уый фæдыл, оккупацигонд территоритæй  лигъдæтты, куысты, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон ифтонгады хъахъхъæды Гуырдзыстоны министртæм кандидат,  Экатерине Тъикъарадзе  парламенты æртæ комитеты  иугонд рабадтыл райхъусын кодта.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ, æппæтадæмон фæдзæхсыны  программæйы   скусын кæнынмæ æнæкæсгæ,  пациентты дзиппæй  фидтонты  уынинаг  20-22  процентæй  фылдæр у, хицæн секторы  пайда та  35 процентæй  бæрзонддæр.

Министртæм кандидаты дзырдæй, фæнысангонд  бæрæггæнæнтæй  бæрæг у, системон ивд кæй  хъæуы.

Экатерине Тъикъарадзе  ноджы иу ногдзинады  тыххæй райхъусын кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы афонмæ  паддзахад хайад нæ иста зæгъгæ  клиникæты фæтк дæттыны.  Фидæн азты та, паддзахад  ахиздзæн  госпиталон  секторы  активон фæтк дæттыны фазæмæ, кæцы  цыбыр æмгъуыдтæм  æмбæрцæй  конкурентхъом скæндзæн паддзахады дæлбар уæвæг  уагдæтты, уый та  æрхæсдзæн фæстиуæг  лæггады хъæд фæхузыдæры æмæ  паддзахадон хардзтæ нысанмæ гæсгæ æмæ  гарантиргонд хардз кæнынæй.