Æнтыстджын ахуыргæнджыты мызд сырæздзæн
Гуырдзыстоны рухсады министры бардзырдмæ гæсгæ, æнтыстджын ахуыргæнджытæ уæлæмхасæны хуызæй 700 лари, ментор та 1000 лари райсдзысты.
Снысангонд ивæндзинад 2015 азы 28 æм сентябры бардзырдмæ бацыд.
Ацы рæстæгмæ уæлæмхасæны нымæц 250 лари уыд, ментор-педагогнæ та 300 лари.
Уæлæмхасæн мыздмæ снысангонд ахуыргæнджытæ 1 æм февралæй райсдзысты.