Æнахъомы фæцæф кæныны тыххæй ахст слыгоймагæн аххосаг официалонæй бавдыстой
«Мæ дæлæвджиды фæазымджын кодтой, буары барæй уæззау фæзиан кæныны, афтæдæр ахæм фæзиан кæныны хъавды тыххæй – уый фæдыл Пекины уынгыл æнахъомы фæцæф кæныны аххосагæй ахсты адвокаты, Алекси Габуниа пъæлицæйы сæйраг уагдоны цур журналисттæн загъта. Адвокаты фидиуæнæй, ахæст зæгъгæ дзуры, цæмæй уый ацы фыдракæнд нæ ракодта æмæ ацы факты бынтон нæ хъуыды кæны.
Алекси Габуниайы дзырдæй, уыцы цауы кæд æмæ зылынгæнæг фарс не снысан кæндзæн экспертизæ зылынмæ лæвæрды æнæниздзинады уавæры тыххæй, уæдуый ирвгъæвæг фарс сараздзæн. Афтæма, адвокат психикон проблемæты тыххæй ахæсты æрдæм тугтæрхоны барадон сурын бауромын куры.
Тбилисы Пекины проспектыл, æнахъомы цыргъагæй 27 августы фæцæф кодтой. Сывæллон йæ ныйарджытимæ иумæ уыд, кæцы рæстæджы дæр æрцыд лæбурд. Бырсæг уыд сылгоймаг æмæ цауы бынатæй алыгъдис, фæлæ йæ фæстæдæр пъæлицæй æрцахста. Æнахъомы фæцæф кæныны зылынмæ лæвæрд слыгоймаг 51 аздзыд Т.С. æнæсдзырды барæй пайда кæны. Уымæн аххосаг абон бавдыстой.