Æнæвизон режимы хæлды аххосагæй, Австрийæ Гуырдзыстоны цалдæр æмбæстагы депортаци сыххæст
Æнæвизон режимы хæлды аххосагæй, Австрийæ Гуырдзыстоны цалдæр æмбæстагы депортаци сыххæст
Фыдыбæстæмæ абон уыцы уæнгты æрыхдæхтой, кæцытæ Евроцæдисы бæстæты уæвыны æмгъуыд уыд хæлд.
Гуырдызстоны æмбæстæгты Венайæ специалон рейсæй Тбилисы æппæтдунеон аэропортмæ 07:00 сахатыл æртахтысты. . Уыдонæй иу, Паата Сулухия сиды, цæмæй уый Австрийæ æнæзакононæй раргъæвтой.
«Мæ депортацийы процедурæ райдыдта 2017-æм азы 5-æм декабры, кæцыйыл нæ сразы дæн, уымæн æмæ æнæ тæрхондоны æскъуыддзагæй депортацийы бар миграцион куыстæн нæ уыд. Уый фæстæ æз æрбацыдтæн снысангонд куыстмæ æмæ мын раттой цæрæн бынат æмæ мын фæтобæ кодтой материалон æххуыс æмæ расидтысты цæмæй алы бон полицимæ хъуамæ бацыдаин.
2018-æм азы 22-æм январы мæ хæдзармæ æрбацыд полици æмæ мæ æрцахста. Дыгкаг бон тæрхондоныл мæнæн сбæлвырд кодтой аххосаг уый фæдыл æмæ цæвиттонæй полицимæ алы бон нæ цыттæн æмæ депортацийы уагæвæрд фехæлдтон.