Æнæнизхъахъхъæды министрады хъусын кæнынц, цæмæй эпидуавæрмæ гæсгæйæ, ковидстатистикæ нал публикаци кæндзысты
Æнæнизхъахъъхæды министрад ковидстатистикæ публикаци нал кæндзæн. Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн æнæнизхъахъхъæды министрадæй фехъусын кодтой.
Уагдоны куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, зæгъгæ фæстаг периоды бæстæйы инфицирады къаддæр кæныны тенденци фиксир кæны æмæ эпидемион уавæр стабилон у. Фæнысангондмæ гæсгæйæ та, министрады информацийæ, ковидстатистикæйы публикаци кæнын æнæмæнхъæугæ нал у.
«Ковидимæ баст бæрæггæнæнты низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центр бакусдзæни рутинон статистикон бахыгъды нысанæн, интересджын фарсытæн та йæ базонын кæндзæн æргом уагæй», – банысан кодтой æнæнизхъахъъхæды министрады.
Бакой уын кæндзыстæм, пандемийы активон периоды «Ковид-19»-æй инфицирады, госпитализацийы æмæ мæлынады фæдыл статистикæ, æрвылбонйонæй публикаци кодтой, зæрдæвæрæнæй официалон статистикæ низты контролы центры веб-фарсыл къуырийы мидæг иу хатт уыд æвæрд, фæстагмæ та, октябры райдайæны публикаци скодтой иу мæйы бæрæггæнæнтæ.