Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, басгæрст 850 салонæй æмæ эстетикæйы центрæй, æдасдзинады стандарттæм æмбæлгæ уыдысты æрмæст 343
Гуырдзыстоны масштабæй цæугæ азы 27 июлы уавæр нымайгæ, «Ковид-19»-ы ахæлиуы превенцийы нысанæй бакуыст рекомендациты сæххæстыл 2 775 фысымуат сбæрæг кодтой. Уыдонæй æркуырдтæм æмбæлон уыдысты 1334 объект. Информацийы Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн æнæнизхъахъхъæды министрадæй фехъусын кодтой.
Аивдзинады салонты æмæ эстетикон медицнæйы центрты тыххæй куы зæгъæм, уагдоны информацийæ, сбæрæг кодтой 850 объекты, домæндæм æмбæлон уыдысты 343, хæрæндон объектты цауы, басгæрст 92 объектæй, рекомендацитæм æмбæлон куыстой 59.
Регуляцитæм гæсгæйæ, фæнысангонд субъекттæн æнæмæнгхъæугæ у æндæр æмæ æндæр домæнтæ æххæст кæнын: авидзинады салонты цауы, фæлхасгæнджыты райст хъуамæ цæуа электронон рагахсты системæйæ; хъуамæ контролгонд цæуа кусæн тыгъдадты фæлхасгæнджыты нымæц – бауадзинаг у 5 квадратон метр фæзуатыл иу пайдагæнæг, кæд æмæ фæзуатыл иу пайдагæнæгæн лæггад кæны персоналы иу минæвар. Æнæмæнгхъæугæ у дыууæ метры дистанци хъахъхъæнын. Кæд уый гæнæн нæй уæд ифтонгггонд хъуамæ уа тыгъдадты барьертæй изоляцидзинад. Афтæма, зæрдыл бадарын хъæуа хисæрмагонд гигиенæйы нормæтæ хъахъхъæнын, къухты дезинфекци, дезобарьерты æхсæн рацыд, хихъахъъхæнæг фæрæзтæй пайда кæнын.
Домæнты æнæсæххæсты цауы, бизнес-субъекттæм лæвæрд цæуы рагфæдзæхст, фæлхатгæ фæтксасты цауы та, хцайæ ивар.