Æнæнизхъахъхъæды министрад – вакцинаци 15 марты райдайдзæн, визит рагахст у 1449 медперсоналæн
Вакцинацийы процесс 15 мартæй райдайдзæн – уый фæдыл информаци хъусын кæны оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон ифтонгады Гуырдзыстоны министрад.
Сæ информацийæ, электронон системæйы медицинон персоналы регистраци ныридæгæн цæуы.
Уагдоны хъусинагы куыд дзырдæуы уымæ гæсгæйæ, «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинацимæ визит 1449 медперсоналæн у рагахст.
«COVID-19»ы ныхмæ вакцинацимæ хауы æнæнизхъахъхъæды секторы кусæг алы гоймаг – дохтыр, медицинон хо, санитар, лаборант, стоматолог, æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды специалист, эпидемиолог, администрацион кусджытæ (менеджер, хæдтулгæ тæрæг, регистратор æмæ а.д.).
Кæд æнæнизхъахъхъæды министрады кусæг уæнг регистрацигонд у куыстдæттæгмæ специалон электронон системæйы æмæ йын фæстаг 120 боны дæргъы не сфиксир ис коронавирусы инфицирады статус, уæд йæ бон у COVID-19-ы ныхмæ вакцинацимæ йæхи регистрацийы ауадзын уымæн фæндон медицинон уагдоны.
Абоны уавæрæй, системæмæ визит рагасхт у 1449 медперсоналæн.
Вакцинацийы процесс къуырисæры, 15 мартæй æнæнизхъахъъхæды министрады равзаргæ медицинон уагдæтты райдайдзæн. Вакцинаци барвæндон у!
COVID-19-ы ныхмæ вакцинаци инфекцийæ хибахъахъхъæныны эффективон æмæ æдас фæрæз у.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци, æхсæнадон æнæнизхъахъъхæды уагдæттæ æмæ квалифициргонд дохтыртæ, рекомендаци дæттынц COVID-19-ы ныхмæ вакцинацийæн» – банысангонд у æнæнизхъахъхъæды министрады информацийы.