Æнæнизхъахъхъæды министрад сиды æмбæстæгтæм, вакцинæйыл нæзагъды цауы, æфсон сфиксир кæнын æрдомæт фысгæ формæйæ æмæ документ арвитæт регулиргæнæг агентадмæ кæнæ ныууадзæн министрады исæнуаты
Æнæнизхъахъхъæды министрад сиды æмбæстæгтæм, вакцинæйыл нæзагъды цауы, æфсон сфиксир кæнын æрдомæт фысгæ формæйæ æмæ документ, сæ къухбафыст куырдиатимæ бавдисæт медицинон æмæ фармацевтон куысты регулиргæнæг агентады электронон-постмæ.
Министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, æмбæстæгтæн афтæдæр сæ бон у куырдиат бахæссын министрады æмбæстæгты исæнуатмæ.
«Бæстæйы активонæй цæуы æппæтадæмон вакцинацийы процесс æмæ æрвылбойнонæй рæзгæ у вакциниргонд уæнгты нымæц. Ацы рæстæджы периодонæй фиксир кæнынц цаутæ, вакцинацимæ бацæуæг уæнгæн дохтыр бæрæг æфсонæй нæзагъд кæны низы ныхмæ бафтауыныл æмæ иуæй-иу гуырысхойаг цауы фæнысангонд дæуд, архайæг протоколмæ æнæмбæлон у.
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды министрад сиды цæрджытæм, вакцинæйыл нæзагъд цауы, æфсон сфиксир кæнын æрдомут фысгæ формæйæ æмæ фæнысангонд документ, уæ къухбафыст куырдиатимæ иумæ рарвитат медицинон æмæ фармацевтон куысты регулиргæнæг агентады электронон-постмæ [email protected], куырдиат бахæсын афтæдæр ис гæнæн бынатыл, министрады æмбæстæгты исæнуаты. Куырдиаты сфиксир кæныны фæстæ, регулиргæнæг агентад бацахуыр кæндзæн цæмæй цас бындурон уыд дохтыры уынаффæ æмæ уыдис æви нæ пациенты уавæр вакцинацимæ æнæмбæлгæ.
Бакой уын кæндзыстæм, уæвæг пандемийы уавæрты тыххæй æмæ инфицирады бæрзонд бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, вакцинацийæн алтернативæ нæй æмæ сегасдæр ахсджиаг амал у адæймаджы цард æмæ æнæниздзинад бахъахъхъæнынæн», – банысангонд у, æнæнизхъахъхъæды министрады фидиуæны.