Æнæнизхъахъхъæды министрад коронавирусы ахæлиуы пикы бæрæггæннæнмæ æнхъæлмæ кæсы зæрæдæвæрын астæу бонты
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниайы фидиуæнæй, зæгъгæ коронавирусы цауты фæфылдæрмæ стыр хъусдард хъæуы, цæй тыххæй дæр æмбæстæгтæ превенцион мадзæлттæ максималонæй хъуамæ хъахъхъæной.
«Фæдылдзог боны дæргъы, къуырийы дæргъы вæццæгæн 1000-æй 1500-ы онг ног цаутæ уыдзæн. Сæрмагонд хъусдард хъæуы мæлынады бæрæггæнæнмæ, кæцы афтæдæр æнхъæлмæкæсинаг у цауты фæфылдæримæ иумæ. Уымæ гæсгæ дæр нæ хъусдард максималонæй хъуамæ сцырын кæнæм превенцион мадзæлттыл, цæмæй цауты дарддæры фæфылдæрæй нæхи бахизæм», – райхъусын кодта Тамар Габуниа.
Госпиталон сектор коронавирусæй фæрынчынуæвæг пациентты райсынмæ мобилизацигонд у. Габуниайы дзырдæй, зæгъгæ цæттæ сты 6 мин хуыссæн бынат, кæцытæй 1500-ы онг сынтæг ацы рæстæгмæ сты сæрибар.
Уыимæ иумæ æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг куыд загъта, афтæмæй, коронавирусы ног цауты ахæлиуы цæстæнгасæй фæфылдæры пик зæрдæвæрæны мæйы астæу бонты у æнхъæлмæкæсинаг.
«Ацы фоныл сегасдæр ахсджиаг у архайæг регуляцитæ æххæст кæнын. Регуляциты фæкарз кæнынæн, сæ æнæмæнгæй сыххæстæй цух ницы эфект уыдзæн. Хорз у фæстаг периоды кæй райрæзтис маскæ барыны бæрæггæнæн. Бизнесæрдзы фæткæвæрд хъахъхъæд у иттæг нысаниуæгджын æмæ афтæдæр социалон активондзинадæй хи аиуварс кæнын», – загъта Тамар Габуниа.