Æнæнизхъахъхъæды министрад – агентад балхæндзæн хæдзæрттæ 500-йæ фылдæр лыгъдон  бинонтæн
Æнæнизхъахъхъæды министрад – агентад балхæндзæн хæдзæрттæ 500-йæ фылдæр лыгъдон  бинонтæн

Мидæггагон æрцæуæггæгты агентад æнæхъæн бæстæйы масштабæй 500-йæ фылдæр мидæггагон æрцæуæггæгтæн хæдзæрттæ балхæндзæн. Уый фæдыл информаци æнæнизхъахъхъæды министрад апарахат кодта.

Уагдоны информацийæ, уыцы бинонты номхыгъд, кæцыты æрцæрын кæнын сфидар кодта æрцæуæггаг адæмы фарстаты ахуыр кæныны къамис, ныридæгæн ныммыхуыр ис уагдоны веб-фарсыл.

«Мидæггагон æрцæуæггаг бинонтæн лæвæрд цæуы æхсæз мæйы æмгъуыд, цæмæй равзарой хæдзæрттæ Гуырдзыстоны кæцыфæнды регионы æмæ сæ бадæттой агентадмæ.Нысаниуæгджын у, цæмæй мидæггагон æрцæуæггаг бинонты æрцæрын кæныны тыххæй цæрæн комплексты арæзтадимæ иумæ, фæстаг рæстæджы хæдзæрттæ балхæныны программæ райста сæрмагонд масштаб.Ацы аз агентад ныридæгæн балхæдта 1500 хæдзар лыгъдон  бинонтæн. Цæрæнуæттæй сифтонг кæныны процесс фидæны ноджы активондæрæй адарддæр уыдзæн» -ис фыст æнæнизхъахъхъæды министрады фидиуæны.