«Æмсæрады Змæлды» информацийæ, трансгендер усыл тыхмидзинады тыххæй иу гоймаджы æрцахстой
«Æмсæрады Змæлды» информацийæ, мидхъуыддæгты министрад æрцахста гоймаджы, кæцы трансгендер сылгоймагыл тыхæй ныххæцыд æмæ йæ бастыгъдта.
Организацийы хъусинагæй «Æмсæрады Змæлдæн» тыхмидзинады амæттаг сыл, æххуысмæ 12 августы баздæхт. Змæлды юристтæ зианбавзарæгæн консультаци скодтой, афтæдæр йемæ ацыдысты рафарстмæ æмæ цауы бынат фенынмæ.
«Мидхъуыддæгты министрад хъуыддагыл райдыдта фæд æвзарын, зылынмæ лæвæрдæн стæрхон кодтой развæлгъау ахст.
Хъуыддагыл фæд æвзарæн цæуы тугтæрхоны барады кодексы 179-æм, 137-æм æмæ 236-æм (стъигъындзинад, фыдмитæ фæкæнын æмæ æхсæнгарзы æнæзакъонон балхæд-бавæрын) статитæм гæсгæйæ.
«Æмсæрады Змæлды» юристты тыхархайдæй, хъуыддагыл фæбæрæг ис дискриминацион мотив, кæцы уæззаугæнæг аууæлæй нымад цæуы Гуырдзыстоны закъондæттынадмæ гæсгæйæ», – дзырдæуы организацийы ахæлиугонд информацийы.