Æхсæз оппозицион парти фидиуæн публикаци кæнынц – Иумæйаг тыхтæй координацигондæй цæттæ кæнæм ныхмæлæудмæ, уырыссаг закъоны  дыккаг касты бонмæ
Æхсæз оппозицион парти фидиуæн публикаци кæнынц – Иумæйаг тыхтæй координацигондæй цæттæ кæнæм ныхмæлæудмæ, уырыссаг закъоны дыккаг касты бонмæ

Мах, проныгуылæйнаг  оппозицион партитæ  иу кæнæм гуырдзиаг æнæхицауадон организациты  28  апрелмæ  нысангонд  европаг машмæ æмæ æрвитæм сидт  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæм, цæмæй ноджы иу хатт, сабырадонæй,  дырыс æмæ хъæрæй  зæгъæм «О» Европæйæн, «Нæй»  уырыссаг закъонæн!  Аргъ кæнæм æмбæстагон секторы  позицийæн  джелбетт æфхæрæг  реестры   регистрацийыл нæзагхды æмæ уырыссаг  закъоны   фæстæмæ асидыны нг  хицауадимæ  æмгуыстда фæурæды фæдыл – уый тыххæй дзырдæуы  æхсæз  оппозицион партийы   иумæйаг фидиуæны.

Фидиуæнмæ гæсгæйæ,  оппозицион артитæ, «Иугонд  тыхтæй координацигондæй  цæттæ кæнынц  ныхмæлæудмæ уырыссаг закъоны  дыккаг  хъусынæй  æркæсыны   бонмæ» .

«29 апрелы «Картули Оцнебайы» плангонд æмбырд, кæцыйыл  паддзахаон секторы кусæг адæймæгты  сæ  фндоны  ныхмæ æрласдзысты   Тбилисмæ, у адæймаджы  бафхæрд, уыоыссаг хицауады æрдгæй  уыдонæй  спайда кæнын нæ  иумæйаг  европаг  фидæны ныхмæ æмæ æргом провокаци уыцы хæларзæрдæ æмæ  сабырадон демонстрациты ныхмæ, кæцыты æнæаскъуынгæ протест нырид  дæс бон у  ахæлиу ис сæйраг горæты уынгты.

Нæ сидт паддзахаон секторы кусæг  адæймæгтæм. Мах дзæбæх æмбарæм  политикон  æлхывды масштаб,к æцыйæ «Картули Оцнеба» уæ ныхмæ архайы.  Фæлæ  ай  у уыцы момент,  уæ фæйнæ адæмагæй хъуамæ  саразат иунæг раст æвзæрст – ма бакоммæкæсат  уырыссаг хицауады  амындтæм æмæ  ма бауат Иванишвилийы  уарт  нæ   бæстæйы  европаг фидæны  ныхмæ тохы

29 апрелы Иванишвилийы организацигонд æмбырды  нысан у, ныууæнгтæ кæна æмæ кæрæдзийы нымæ фæбыцæу кæна  гуырдзиаг адæмы, сараза  мæнг сурæт, цæвиттон уырыссаг  закъны фæдыл Гуырдзыстоны ис хъауджы позицийы  дыууæ лагер.  Мах дзæбæх æмбарæм, æхсæнады иудзинады нысаниуæг æмæ никуы бауадздзыстæм Кремлы  бæллиццаг сценари нæ адæмы  ныууæнгтæ кæныны æмæ  кæрæдзийы  ныхмæ  фæбыцæу кæныны фæдыл.

Иугонд тыхтæй координацигонд  цæттæ кæнæм ныхмæлæудмæ уырыссаг закъоны дыккаг байхъуыстæй  æркæсыны  бонмæ,  алчи иумæ,  хъæдых  хъуамæ  райхъусын кæнæм  «О Европæйæн!  Нæй уырыссаг закъонæн! Нæй уырыссаг  хицауадæн!» – дзырдæуы  фидиуæны, кæцыйыл къух фыссынц  оппозицион политикон партитæ «Ахали», «Гирчи- фылдæр сæрибардзинад», «Дроа», «Иугонд Националон Змæлд», «Республикаг  парти», «Стратегиа Агъмашенебели».