Æхсæнадон Уацхæссæджы бæстыхайы арæзтад 27 августы фæуыдзæн – уый фæдыл Æхсæнадон Уацхæссæджы генералон диреткор Тинатин Бердзенишвили райхъусын кодта.
Тинатин Бердзенишвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ уацхæссæджы ног бæстыхайы арæзтад йæ кæонмæ хæццæ кæны.
«Махæн нысаниуæгджын у, цæмæй процесс нырид йæ кæронмæ æрцæуы. 27 августы фæстагмæ æххæстæй хъуамæ фæуа бæстыхай æмæ лæвæрд æрцæуæд Æхсæнадон Уацхæссæгмæ. Уый фæстæ райдайдзæн ахизыны процесс, цæмæ дæр алчи цæттæ кæнæм. Уый нæу æрмæст инфраструктурон ивд, кæцы æцæгдæр масштабон у. Ног бæстыхаймæ ахизын та ноджы æндæр процесс у æмæ нæ алы къахдзæфы тыххæй æхсæнад зондзæн. Уый нæу æрмæст инфраструктурон ивд, уый у Æхсæнадон Уацхæссæджы куысты процессы ивд дæр, бæстæйæн ææгдæр уникалон телеуынынадон студитæ, кæцытæй Гуырдзыстон æндæрæ æмæ æндæр амалиуæгы рæстæджы, уый нымæцы киноиндустрикæныны рæстæджы дæр дзæбæх хъуамæ спайда кæна» – загъта Тинатин Бердзенишвили.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ æхсæнадæмон аудиторон компани Æхсæнадон Уацхæссæджы финансон хыгъдтыл, æвæрццаг хатдзæг æрцæттæ кодта.
«Æхсæнадон Уацхæссæгæн æргомдзинад æмæ финансон бæрнондзинад у иуæй-иу сеппæтæй нысаниуæгджын компонент, уæлдайдæр ерын, 2023 азы тынг тсадв балхæдтæ нын куы уыд, уымæн æмæ ног компетенци райстам æмæ ног бæстыхайы арæзтады процедурæты фæдыл цыдыстæм. Уацхæссæджы балæн арфæ кæнын æхсæнадæмон аудиты æвæрццаг хатдзæгы фæдыл. Басгæрстой куыд финансон, афтæ паддзахадон балхæдты хыгъдты аудит. Фидтонты æрдгæй хыгъдлæвæрды ауитмæ дæр байхъуыстам. Нысаниуæгжын у, цæмæй 2023 азы нын уыд 33 175 бугъалтерон-финансон сфыст æмæ исты типы рæдыд нæ уыдис» – загъта Тинатин Бердзенишвили.
Æхсæнадæмон аудиторон компани ÆÆ «Моор Эйбиси» Æхсæнадон Уацхæссæджы финансон хыгъдтыл æвæрццаг хатдзæг æрцæттæ кодта.