Æхсæнадон Уацхæссæджы æвджиддар советы  куырдиат  дипломатон корпусы æмæ  æхсæнадæмон организацитæм
Æхсæнадон Уацхæссæджы æвджиддар советы куырдиат дипломатон корпусы æмæ æхсæнадæмон организацитæм

Æхсæнадон Уахæссæджы  æвджиддар совет   дипломатон  корпусмæ æмæ  æхсæнадæмон организацитæм æрсидтис.

«Фæстаг периоды хицæн политкитæй нæм хъуысынц    æнæаргумент  аххсоæгтæ  Æхсæнадон Уацхæссæджы  æмæ  журналистты  æрдæм.  Хъуамæ  банысанæуа, цæмæй Гуырдзыстоны Фыццаг Канал  у  хæдбар институт, кæцыйы гаранти лæвæрд у  конституциæ.  Æхсæнадон Уацхæссæджы  идеяйы  миниуæгмæ æмбæлгæйæ,   йе редакцион   политикæ  нæ  уыдзæн искæцы фарсы  бонвæткъыл оринентацигонд.

Уынæм  оппозицийы   протестон   акцийы  хайадисджыты  эмоцион фон  æмæ  æмбарæм, цæмæй  гæнæн ис, ацы  фоныл   знæт æмæ  æнæаргумент  фидиуæнтæ  уа, фæлæ  дыккаг бон  фидиуæнтæ  æртъхъирæны  равг  куы райсынц  уыцы  партийы æрдгæй,  уый  нын катайаг у. Кæй зæгъын æй хъæуы,  фæзындысты  фарстытæ:  архайынц æви нæ, уæлæндæвд скæнын   æмæ фæтæрсын кæнын  Æхсæнадон Уацхæссæг?  Æмæ  цы  у йæ нысан   Уацхæссæджы дикредитацийы  архайдæн?

Арфæгæнæг стæм конструктивон критикæйæн  æмæ цæттæ  стæм   райсæм æй, фæлæ   æнæаргумент   аххосæгтæ,  æмæ  уæлдай дæр  æртъхъирæн, нæрайсгæ  æмæ катайаг у.

Иуæй-иу сæйраг нысан, кæцыйы æрдæм  Æхсæнадон Уацхæссæг  2020 азы  31  октябры  разæвзарæнон   периоды   сæрмагонд хъусдард здæхта  уыд  æмбæрц  æмæ  конструктивон   платформæтæ  саразын  алы  политикон партийæн. Уый бантыст ис  сæйраг информацион рауагъд  «Моамбейы»  æмæ  «Дебатты»  фæрцы.  Партитæн Æхсæнадон Уацхæссæг   сарызта  конструктивон   минæварадон платформæ,  кæцы  стыр æнтыст у  Гуырдзыстоны  политиконæй  поляризацигонд уавæры.

Афтæма  хъуамæ банысан уа,  цæмæй   комкоммæ  эфиры  фæрцы  интенсивонæй   рухс  кодта   протестон акцитæ, кæцы  оппозицийæн дæтты  фадат,   комкоммæ   базонын кæна  йæ сæйраг  хъуыдытæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн.

Æхсæнадон уацхæссæджы  æвджиддар совет  сиды æхсæнадæмон организацитæм, дипломатон корпусмæ, Европæйы  Уацхæссджыты Цæдисмæ,  лæмбынæг  сæ  хъус бадарой    цæугæ процессты рæстæджы  политикты  иу  хайы æрдгæй, Æхсæнадон Уацхæссæджы  куыстмæ  хифæкæныны  архайдмæ  æмæ  принципон аргълæвæрд скæной  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  ныхмæ фидиуæнæтæн»,  –  дзырдæуы  Æхсæнадон Уацхæссæджы   æвджиддар советы  сидты.