Хæлцады националон агентад бæхы фыды æнæзакъонон реализацийы 12 цау рабæрæг кодта. Афтæма фæбæрги хæрæджы фыды реализацийы иу факт.
«Хæлцады националон агентад фыды хуызагы иртасы 2017 азы мартæй.
Æхсæнадон хæлцады æмæ реализацион объекттæй ист æрцыд цæттæ хæринæгты æмæ æндæр хуызы хæлцы 90 хуызаг, кæцы сгæрст æрцыд аккредитацигонд лабораториты бæхы æмæ хæрæджы фыды идентификацийæн.
Иртасæны фæстиуæгæн фæбæрæг 12 фæткъсасты факт, сæрмагондæй та хæлцы этикетыл бавдыст уыд стуры кæнæ хуыйы фыд æмæ сконды та уыдис бæхы, æрмæст иу цауы та – хæрæджы фыд. Фæбæрæг фæткъсасты тыххæй бизнесоператортæ фæивар сты.
Бæхы кæнæ хæрæджы фыды реализацийы цауы, æнæмæнгхъæугæ у закъондæттынадæй бæрæг æркуырдты сæххæст кæнын. Фос хъуамæ уа идентифициргонд, æмæ йын арæзт хъуамæ уа хъæугæ ветеринарон процедурæтæ (вакцинаци æмæ а.д.) æмæ æргæвст хъуамæ уа æргæвдæны. Æнæмæнгхъæугæ у фыд уа этикетиргонд æмæ йыл бавдыст уа цы хуызы фыд у уый» – хъусын кæнынц хæлцады националон агентады.