Æхсæнадæмон Олимпион Комитет райгонд у  Гуырдзыстоны фæндонæй, сфысым кæна 2030 азы  зымæджы Олимпиадæйæн
Æхсæнадæмон Олимпион Комитет райгонд у Гуырдзыстоны фæндонæй, сфысым кæна 2030 азы зымæджы Олимпиадæйæн

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Квирикашвили фембæлды Æхсæнадæмон Олимпион  Комитеты (IOC) фыццаг вице-президентимæ  Наваль Эль-Мутакавелимæ.

Наваль Эль-Мутакавел куыд  райхъусын кодта афтæмæй,  фембæлдыл  фæтæрхон кодтой  инициативæйыл, кæцымæ гæсгæ  дæр  Гуырдзыстоны  2030 азы   гæнæн ис  уагъд æрцæуой  Зымæджы Олимпион хъæзтытæ.

«Гуырдзыстон у хъайтарты бæстæ  æмæ Олимпион  хъæзтытыл  кæддæриддæр  уыдысты   тынг бæрзонд рангы  спортсментæ Гуырдзыстонæй.

Мæнмæ гæсгæ  ныр у хорз рæстæг, цæмæй  равдисат уæ фæнд,  æмæ  мах та  нæхиæрдгæй  райгонд стæм  уæ  куырдиатæй» –  загъта  Æхсæнадæмон Олимпион  Комитеты (IOC) фыццаг вице-президент. Уый равдыста цæтæдзинад   баххуыс кæна  Гуырдызстонæн  Зымæджы Олимпион хъæзтытæ  ауадзыны.

Гиорги Къвирикашвии куыд банысан кодта афтæмæй,   цæугæ азы мидæг    Æхсæнадæмон олимпион комитет  Гуырдзыстонмæ рарвитдзæн  экспертты æмæ уынаффæгæнджыты  специалон бал, цæмæй   бацахуыр кæна  Гуырдзыстоны  хæххон курортты  аууæлттæ æмæ уавæр  афтæдæр  фидæны перспективæтæ. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ  уæвæг  уынаффæ, Æхсæнадæмон олимпион комитеты  президент  Томас Бах рахаста, Лозаннæйы  сæ фембæлды фæстæ.

Гуырдызстоны премьер-министр банысан кодта,   цæмæй   хæххон-къахдзоныгъон курортты æмæ  спорты зымæджы  хуызты  райтынг  у  хицауады  иуæй-иу сæйраг приоритет,  цæй тыххæй дæр   уагъд цæуынц  нысаниуæгджын  мадзæлттæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ,   сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы   Æхсæнадæмон олимпион комитеты  экспертты рекомендациты æрдæм,  кæцытæ  ныридæгæн   бацахуырд  кодтой,  Гудаурийы, Хъазыбеджы,  Борджом æмæ  Бакурианы  уæвæг ситуаци  æмæ инфраструктурæ.

Æхсæнадæмон олимпион комитеты фыццаг вице-президент,  Комитеты  уæнгтимæ иумæ  Гуырдзыстонмæ  фæуазæг сты  дыууæ бонон визитæй.

Фембæлды фæдыл информацийы  хъусын кæны  Гуырдзыстоны  хицауады   администрацийы  пресс-куыст.