Æхсæйнаг  æвзæрстыты  развæлгъау  бæрæггæнæнтæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы»  кандидат Гиви Чъичъинадзе  райста хъæлæсты  57.85%, «Европаг Гуырдзыстоны» кандидат  Гиги Угулава – 38.38%
Æхсæйнаг æвзæрстыты развæлгъау бæрæггæнæнтæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы» кандидат Гиви Чъичъинадзе райста хъæлæсты 57.85%, «Европаг Гуырдзыстоны» кандидат Гиги Угулава – 38.38%

Централон Æвзарæн  Камисы  пресс-спикеры, Анна Микеладзейы  фидиуæнæй,   парламенты  æхсæнаг æвзæрстыты, 60 фадыгæй,  се ппæтыл дæр,   бæрæггæнæнтæ  бахыгъд сты  æмæ æвзæрстыты развæлгъау  бæрæггæнæнтæ  фæбæрæг сты.

ЦÆК-ы  уагъд  брифнгыл Анна Микеладзе  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   развæлгъау бæрæггæнæнтæй,   Вани  æмæ Хонийы  54  æвзарæнон  зылды  уаггъд  æхсæйнаг парламентон  æвзæрстыты  «Гуырдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстоны»  кандидат Гиви  Чъичъинадзе райста хъæлæсты   57,86%, «Бакрадзе, Угулава –Европаг Гуырдзыстоны» кандидат  Гиги  Угулава та  38, 38 %.

Уымæ гæсгæ дæр, развæлгъау бæрæггæнæнтæй, æхсæйнаг  æвзæрстыты  фæразæй  «Гуырдзиаг Бæллиццы» кандидат.

Иннæ  кандидатты  æхсæн, хъæлæстæ  афтæ  адих сты:  «Сакартвело», Гиорги Лилуашвили 0,46%; «Традиционалисттæ», Зураб Картвелишвили – 0,22%» «Ног Чырыстон Демократтæ», Мамука  Тускадзе – 1,47%;  инициативон къорд (Сопио Мешвелиани, Шорена Джурхадзе, Важа Къопъалиани, Тамар  Къухалашвили, Марина Чагунава),  Васил  Къопалиани – 1,61%.

ЦÆК-ы  хъусинагæй, №54  мажоритарон  æвзæрстгæнæн зылды  60 æвзæрстгæнæн   фадыгыл  æвзæрстгæнджыты  активондзинад  57,9% (27 846 æвзæрстгæнæг) уыд.

ЦÆК-ы  информацийæ,   æвзæрстыты  бон, æвзæрстгæнæн  фадгуытыл  ацыд сабырæй.  Сæ информацийæ,  æмтгæй райсгæйæ  зылды  æвзарæнон камистæм хаст  æрцыд 5  хъасты.  Алы   хъаст дæр,  æххæссыд   процедурон  равгы  чысыл  аиппытæм.