ÆЮА-йы информацийæ, Тетрицъхъаройы тæрхондон сбæлвырд кодта хъæлæсты сусæгдзинады хæлд æмæ тæрхонгæнæг Владимtр Хучъуа ÆЮА-йы домæн сæххæст кодта
ÆЮА-йы информацийæ, Тетрицъхъаройы тæрхондон сбæлвырд кодта хъæлæсты сусæгдзинады хæлд æмæ тæрхонгæнæг Владимtр Хучъуа ÆЮА-йы домæн сæххæст кодта

Тетрицъхъаройы тæрхондон сбæлвырд кодта хъæлæсæппæрсты сусæгдзинады хæлд æмæ тæрхонгæнæг Владимир Хучъуа ÆЮА-йы хъаст райста  – уый фæдыл Гуырдзыстоны æрыгон юристты ассоциацийы апарахатгонд информацийы ис фыст.

ÆЮА  хъусын кæны, цæмæй тæрхондон æххæст кодта ÆЮА -йы хъаст, кæцы ног прецедент аразы æвзарæджы хъæлæсты барты сусæгдзинады хъахъхъæныны здæхты.

«Æнæнхъæлæджы æвзæрстæй, тæрхондон сбæрæг кодта цалдæр районы бюллетентæ Цъалкъайы æмæ Тетрицъхъаройы районты, цы ран сбæлвырд ис, цæмæй бюллетентæн сæ фæстæ зынынц маркеры фæдтæ, кæцыйæ  хæлы хъæлæс кæныны бары сусæгдзинад. Тæрхонгæнæг, кæцы йæхæдæг сарæзта бæлвырдгæнæн процесс, бюллетень хъæлæсты нымайæн аппаратмæ æвæргæйæ, конфиденциалондзинады хæлды бæрæг факт бафиппайдта.

ÆЮА хорзыл нымайы ацы уынаффæ æмæ акцент кæны йæ нысаниуæг демократон æвзарæнон процесс сифтонг кæнынæн», – дзырдæуы ÆЮА-йы парахатгонд информацийы.