Æфсæддон полицийы минæвар - цыргъæгтæ, кæцытæй æфсæддæттæ кæрæдзийы базиан кодтой, сæ ифтонггарзæй нæ уыд
Цыргъаг, кæцыйæ æфсæддæттæ кæрæдзийы базиæнттæ кодтой, сæ ифтонггарзтæй нæ уыд – уый фæдыл журналисттæн æфсæддон полицийы департаменты сæйраг уагдоны хистæры хæдивæг, Ираклий Базерашвили фехъусын кодта.
Фыццаг августы изæры сахатты, сержантты бацæттæйы академийы, æнæмæнг æфсæддон службæгæнджыты æхсæн быцæудзырд айрæзтис физикъон ныхмæлæудмæ, кæцыйы фæстиуæгæн буары æндæр æмæ æндæр хуызы зиæнттæ райстой фондз æфсæддон, сæ нымæцы æртæ – цыргъагæй. Сæ фондз æфсæддоны дæр æнæаргъæвгæйæ фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Ныр сæ цардмæ тас не ртъхъирæн кæны. Ацы инциденты рæстæджы джебогъ кæрдтæй ничи спайда кодта. Цæмæн сæм уыд цыргъæгтæ- уый базонынæн цæуы фæдагуырд,» – банысан кодта Ираклий Базерашвили.
Фарстыл, гæнæн уыдис æви нæ цæмæй сæргълæууæгы бæрны фарста ыслæууа, æфсæддон полицийы департаменты сæйраг уагдоны хистæры хæдивæг райхъусын кодта, цæмæй фæдагуырд райдиан этапыл ис.
Цыдæриддæр та æрцæугæйы мотивмæ æххæссы, æфсæддон полицийы минæвары дзырдæй, æфсæддæттæ кæрæдзийы æнæцензурон ныхæстæй æфхæрдтой.