Æфсæддæттæ националон хъайтары, капрал Заза Дамениайæн йæ ном ссардтой
Гуырдзыстоны национ хъайтары капрал Заза Дамениайы мæлæтæй 19 азы рацыд.
Хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй, национ хъайтары йе мтохгæнджытæ æмæ бинонты уæнгтæ йæ мадæлон горæт Озургеты мысыдысты. Хъахъхъæнынады тыхты ныгуылæны æмæ скæсæны сæрдарадты æфсæддæттæ хъайтар хæцæгы ингæннмæ дидингуытæ бахастой æмæ йæ ном ссардтой.
Заза Дамениа Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты 1992 азæй уыд. 2004 азы 16 августы Заза Дамениа йе мтохгæнджыты мæлæтæй йæ царды аргъæй аирвæзын кодта. Капрал акоппы ныххаугæ гранатæйыл йæхи баппæрста æмæ йен æмтохгæнджыты мæлæтæй аиуварс кодта. Фыдыбæстæйы бахъахъхъæныны æмæ иудзинадлæн тохы цы сæрамгонд æхсардзинад равдыста уый тыххæй Заза Дамениамæ лæвæрд уыд Гуырдзыстоны националон хъайтары ном.