Æфхæрдæххæсткæнынады 7-æм уагдон абон официалонæй сыхгæдтой [фото]

Æфхæрдæххæсткæнынады  7-æм   уагдон   абон  официалонæй  сыхгæдтой.

Сæрмагонд  рискъы  пенитенцион  уагдоны  сыхгæдыл   уыдысты  министр Каха Кахишвили,  æнæхицауадон  организациты æмæ   медийы  минæвæрттæ.

Уымæй  уæлдай  ма   2018  азы   25  июны  байгом ис  бæрзонд рискъы   уагдон,  кæцы 29   ахæстыл  у нымад,   æмæ   Европаг  стандарттæм  æмбæлон у.

Æфхæрдæххæсткæнынады   министрады  информацийæ,   ногн    пенитенцион  уагдоны  рахицæнгонд у   специалон   тыгъдад   фембæлдтæн,  кæцытæ  ифтоггонд сты  алы  хъæугæ  мебелæй, техникæйæ,   уазалгæнæн æмæ   хъармгæнæн  системæтæй.  Уагдоны  ис   адвокатиме  фембæлынæн   хицæн къуым. Цæрæн   тыгъадады   арæзт у   къæбиц,   абанæ   æмæ   хуыссæн уат.