Æдтаг хъуыдтæгты министрад – Эстонийы минæваримæ фембæлды рæстæджы бахахх ис, цæмæй йæ расидæн ахуырады реформæйы политизацимæ здæхт у æмæ мидхъуыддæгты бахъыгдарыны бафæлвæрд æвдисы
Æдтаг хъуыдтæгты министрад – Эстонийы минæваримæ фембæлды рæстæджы бахахх ис, цæмæй йæ расидæн ахуырады реформæйы политизацимæ здæхт у æмæ мидхъуыддæгты бахъыгдарыны бафæлвæрд æвдисы

Ацы аз 24-æм февралы Гуырдзыстоны Эстонийы минæвар Марге Мардисалу-Кахарийы, Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыдтæгты министрадмæ æрхуыдтой.  Фарста хауы иуæй-иу Университеты фæдыл,  социалон хызы арæзт расидæныл – уый  фæдыл  ис фыст  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыдтæгты министрады хъусинагы.

Министрады информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны æдтаг хъуыдтæгты министры фыццаг хæдивæг Гиоргий Зурабашвилиимæ фембæлды рæстæджы, Эстонийы минæварæй æрдомдтой йæ архайды нысан бамбарын кæнын.

«Министры фыццаг хæдивæг бахахх кодта, цæмæй Эстонийы минæвары ахæм фидиуæн здæхт у ахуырады сферайы цæугæ реформæйы политизацимæ, кæцы æнæрайсгæ у æмæ æвдисы бæстæйы мидхъуыдтæгты бахъыгдарыны бафæлвæрд.

Минæвар бамбарын кодта, цæмæй кæд æмæ эстойнаг фарс цымыдис кæны Гуырдзыстоны цæугæ ахуырады реформæйæ, уæд ын ис фадат Гуырдзыстоны ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министрады консультацитæ ауадзын, цы ран снысангонд фарсты фæдыл æххæст информаци райсдзæн» -ис фыст Гуырдзыстоны æдтаг хъуыдтæгты министрады фидиуæны.

Эстонийы минæвар социалон хызы рапарахат кодта къам Илиайы паддзахадон университеты ректор Нино Доборжгинидзеимæ, кæцыйыл фыст уыд «Мах лæууæм Илиайы Университеты фарсмæ».