Æддагополитикон уагдон – Паддзахад дарддæр кæны Украинайы  уæвæг Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн æххуыс, ацы рæстæгмæ  æххуысыл фæхæст сты  3000-ы онг  æмбæстаг
Æддагополитикон уагдон – Паддзахад дарддæр кæны Украинайы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æххуыс, ацы рæстæгмæ æххуысыл фæхæст сты 3000-ы онг æмбæстаг

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй,  паддзахад дарддæр кæны  Украинайы  уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  æххуыс сæ  эвакуацийы, фыдыбæстæмæ   рацæуыны æмæ сæ фыццагон  хъæуыдзинæдтæй ифтонг кæныны  цæстæнгасæй.

«Ацы рæстæгмæ  æххуыс  лæвæрд уыд Гуырдзыстоны 3 000-ы онг æмбæстагæн, куы   фыццагон фæлхасады  дзаумайæ,  афтæ  медицинон æххуыс, транспортаци  æмæ рæстæгмæ  црæнуатæй.  Сæ нымцы ивгъуыд  къуырийы  дæргъы  фыдыьбæстæмæ организацгондæй   рараст сты  Гуырдзыстоны 100 æмбстаг.

Систематонæй  цæуы æххæст специалон рейстæ  Львов-Варшавайы  æрдæмадæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгты транспортацийæн, афтæ дæр  сæ организацгондæй  раконд Одессайæ Украинайы  арæнгæрон паддзахадтæМ» – хъусын кæнынц  фæсарæн хъуыддæгты министрады.

Афтæма сæ информацийæ, Украинайы  хæстон архæйдтытæ  райдаыны фæстæ  Гуырдзыстоны дипломатон  минæварадтæ, куыд Украинайы, афтæ  йæ сыхаг падзахадты (Польшæ, Румыни, Молдовæ, Словаки, Венгри)  куысты сæрмагонд режиммæ  ахызтысты. Гуырдзыстоны премьер-министры барамындæй, уыдон   ифтонг кæнынц  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты æмæ  сæ бимнонты уæнгты  фыдыбæстæмæ  транспортаци æмæ фыццагон  æххуысæй.