86 азы кары æрбамард Джансугъ Чарквиани. Гуырдзиаг поэт фæстаг цалдæр мæйы дæргъы рынчын уыд.
Джансугъ Чарквиани 1953 азы фæцис ахуыр Тбилисы падлдзахадон университеты. Йæ фыццаг æмдзæвгæ публикацийы уагъд æрцыд 1947 азы. 1959 азы мыхуыры уагъд æрцыд поэты фыццаг чиныг «Иу æхсæвы æнæсым». Афтæдæр мыхуыры уагъд сты чингуытæ: «Уырнындзинады сис» (1970), «Стыр Рухс» (1980), «Иу том» (1981) «Æвзæрст поэмæтæ» (1983), «Æз æмæ ды» (1984), публицистон чиныг «Сæрибардзинад у домбайты хъысмæт». 1991-1993 азты мыхуыры уагъд æрцыд йæ уацмыстæ дыууæ томæй. Поэты æмдзæвгæтæ тæлмац æрцыдысты æндæр æмæ æндæр æмдзæвгæтæм. 1962-63 азты уыд журнал «Цискарийы» бæрнон нымæрдар, 1963-67 азты – журнал «Дилайы» сæйраг редактор, 1967-77 азты – журнал «Цискарийы» сæйраг редактор, 1977-87 азты – Гуырдзыстоны фыссджыты цæдисы гамгеобайы президиумы уæнг, Гуырдзыстьоны фыссджыты цæдисы нымæрдар, рауагъдад «Советон Гуырдзыстоны» директор, æхсæнад «Тбилиселийы» президент.
1978 азы Чарквианимæ лæвæрд æрцыд Галактион Табидзейы номыл премий, 1985 азы, 1983-1984 азты публикацигонд æмдзæвгæты циклы тыххæй, хорзæхджын æрцыд Шота Руставелийы номыл паддзахадон премийæ.
1998 азы райста Шалва Дадианийы литературон премий. У кады ордены кавалер. Тбилисы цытджын æмбæстагы статус райста 1996 азы. 1995 æмæ 1999 азты уыд Гуырдзыстоны парламенты депутат.