Аджарайы пъæлицæйæгтæ стыр бæрц наркотиктæ байстой, фæсарæйнаг æмбæстаг æрцахстой

11:19, 07.12.2025

Мидхъуыддæгты министрады Аджарайы пъæлицæйы хайады кусджытæ æрцахстой Германийы æмбæстаджы.  2002 азы гуырд В.Б.-йы, аххосджын кæны  æнæзакъонæй балхæд, æвæрын æмæ уæй кæнынæн уæлдай стыр бæрц наркотиктæ.

Азымджыны сæрмагонд æмæ рæстæгмæйы цæрæнуаты басгæрсты рæстæджы барадхъахъхъæнджытæ æвдисæнæн уæй кæнынмæ бацæттæгонд наркотикон препарат «Метадон»-ы уæлдай стыр бæрцæй байстой.

Пъæлицæйæгтæ ма байстой наркотикон препарат æфснайынæн хъæугæ æрмæджытæ дæр.

Фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 260 æмæ 260-4 статьятæм гæсгæ, кæцытæ 20 азы онг кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны  дарынц сæ зæрдыл.

Хуыздæр