Адвокат – Украинæйы прокуратурæ Михаил Саакашвилийæн аххосаг æввахс сахатты бавдисдзæн
Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвилийы адвокаты информацийæ, йæ дæлæвджидæн, Украинæйы прокуратурæ аххосаг æввахс сахатты бавдисдзæн, кæцыйы фæстæ хъуыддагы æркæсдзæн Печерскы тæрхондон.
Руслан Чернолуцкийы информацийæ, ацы рæстæгмæ Одессæйы бæстæйы раздæры губернатор йæхи дзæбæх хаты. Адвокаты хъусинагæй Саакашвили йæ ахст протест кæны нæхæргæ акцийæ.
Абон Киевы «Ног Тыхты Змæлды» лидеры фарсхæцджыты акци сырæзт. Акцийы хайадисджытæ Шевченкойы паркæй Майданы онг цыд сарызтой цы ран партийы Лидертæ фæрсхæцджыты раз дзырдæй ралæууыдысты. Митинггæнджыты хай фæстæдæр ацыд æдадзсинады куысты изоляторы цурмæ, цы ран дарынц ахæст Саакашвилийы.
Акций фæцис Украинæйы генералон прокуратурæйы цур.