Адæмон хъахъхæнæгы консилиум Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры тыххæй радон хатдзæг публикаци кæны.
Омбудсмены аппараты публикацигонд информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, дохтыртæ Михеил Саакашвилимæ клиникæ «Вивамедийы» 25 январы уыдысты.
Хатдзæгы фыст ис, ацытæккæ бæрæг у æвæрццаг динамикæ, кæцы зыны уæзы рæзтæй æмæ негативон ортостатикон тесты. Фæлæ хатдзæгмæ гæсгæ, нырма дæр ис когнитивон фæфыддæр, хæцæфты гипотрофи, нейропати, депресси.
«Консилиумы хъуыдымæ гæсгæ, уæвæг æвæрццаг динамикæ уырдгæй рцæугæ у, æмæ пациент афæдзæмæ æрдæгæй фылдæр у полипрофилон клиникæйы бæрзондпрофессионалон дохтырты цæстдарды бын æмæ хос кæны. Фæлæ алы психоневрологион патологи нырмадæр æнæивгæ æмвæзыл сты.
Уымæ æмбæлгæйæ консилиум нымайы, цæмæй пациенты уавæр нырма нæ дæтты, фидар æвæрццаг прогнозтæ саразыны фадат», – банысангонд у адæмон хъахъхъæнæгы аппараты анæиугонд информацийы.