Адæмон хъахъæнæг хъуыды кæны, цæмæй ног закъондæттæн ивæндзинæдтæ гæнæн ис ныхмæлæуд кæной ныхасы сæрибардзинады хъахъæды æхсæнадæмон стандарттæн æмæ Гуырдзыстоны Конституцийæн
Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг саргъ кæндзæн закъондæттæн ивæндзинæдтæн, кæцыты фæстагмæ парламент сбæлвырд кодта æмæ кæд æмбæлон уæлæмхасæнтæ ис, уæд Гуырдзыстоны Конституцион тæрхондонмæ хъаст бадæтдзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны адæмон хъахъæнæгы расидæны ис фыст.
Адæмон хъахъхъæнæг куыд банысан кодта афтæмæй, бавдыст закондæттæн ивæндзинæдтæ гæнæн ис ныхмæлæуд кæной куыд ныхасы сæрибардзинады хъахъæды æппæтдунеон стандарттимæ, афтæ дæр Гуырдзыстоны Конституциимæ.
«Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæг амоны Гуырдзыстоны парламенты ацы рæстæгмæ цæугæ закъондæттæн процессмæ, кæцыйы фæлгæтты каст цæуынц авд закъондæттæн акты инициргонд ивæндзинæдтæ, се æхсæн Гуырдзыстоны закъон «Грантты фæдыл», Гуырдзыстоны уголовон кодекс, Гуырдзыстоны административон фæткхалды кодекс æмæ Гуырдзыстоны органикон закъон «Æмбæстæгты политикон цæдисты фæдыл».
Абон комитеты дискуссийы рæстæджы æхсæнадæн куыд рабæрæг, афтæмæй фыццаг байхъуыстæй фæстæмæ закондæттæн пакетмæ бахастой бæрæг ивæндзинæдтæ æмæ æфхæрæн архайдтыты номхыгъд ноджы фæуæрæхдæр ис. Сæрмагондæй, парахатгонд информацимæ гæсгæ, «Гуырдзыстоны конституцион фæткæвæрды ныхмæ экстремизм» расидт æрцæудзæн уголовон æфхæрæн архайдæй.
Адæмон хъахъæнæгы хъуыдымæ гæсгæ, бавдыст закъондæттæн ивæндзинæдтæ гæнæн ис æмæ ныхмæлæуд кæной куыд ныхасы сæрибардзинады хъахъæды æхсæнадæмон стандарттæн, афтæ дæр Гуырдзыстоны конституцийæн æмæ æвзæрын кæной æвæрд арæнæвæрдты æгæр уæрæх интерпретацийы гæнæн.
Уый бындурыл, Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг саргъ кæндзæн закъондæттæн ивæндзинæдтæн, кæцыты фæстагмæ сбæлвырд кодта парламент æмæ кæд æмбæлон уæлæмхасæнтæ ис, уæд Гуырдзыстоны конституцион тæрхондонмæ хъаст бадæтдзæн» -ис фыст Гуырдзыстоны адæмон хъахъæнæгы расидæны.